|
|
ДЗЫРДУАТ |
Автор: 00mN1ck / 15 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Адыли — дæргъбарæн, 71 сантиметры бæрц. Пайдагонд дзы цыди метрон системæмæ рахизыны размæ. Асмускæ — уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырд. Ам: джиранкайы æетæм хай (50 граммы бæрд) тамако (Кæс «Джиранка»). Атынæг (цыргъисæн бон) — рагон бæрæгбон; æрмæст уыцы бонæн фæстæмæ-иу бавнæлдтой хортæ æмæ уыгæрдæнтæ кæрдынмæ. |
ДОНДЗАУ УСТЫТЫ ÆГЪДÆУТТÆ |
Автор: 00mN1ck / 15 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Ирон. адæм хæхбæсты цардысты тынг уынгæг рæтты, уымæн æмæ сыл зæхх не 'ххæссыди. Хъæутæ арæзтой ахæм рæтты, æмæ-иу сæ фылдæрмæ дон хæстæг нæ уыд. Дон хæссын хъуыди дардæй — къуыстилты. |
ÆРДХОРД-ÆМГÆРТТÆ |
Автор: 00mN1ck / 15 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Дыууæ æмгары кæрæдзийы куы бауарзынц, йе та æрмæст сæ иуы куы фæфæнды, уæд скæнынц æрдхорд-æфсымæртæ. Уыцы æгъдау бакæнынц се 'ннæ æмгæртты цур, цæмæй сæ адæм зоной. Уыдон ард бахæрынц, уыцы бонæй фæстæмæ кæрæдзийы кæй уарздзысты æмæ кæрæдзиуыл хинæй кæй никуы рацæудзысты (афтæ сæ кæрæдзийы бинонтыл дæр æмæ æфсымæртыл дæр). |
ФЫРТ КÆНЫНЫ ÆГЪДАУ |
Автор: 00mN1ck / 15 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Фырт кæныны æгъдау ирон адæммæ афтæ у. Дзæбæх лæппу куы фены исчи æмæ йæ куы бафæнды, уæдæ йæм хæстæгдæр куы уаин, дзæбæх куы цæриккам, зæгъгæ, уæд æй сфæнд кæны йæхицæн лæппу скæнын. |
РЫНЧЫНЫ-ИУ КУЫД ДЗÆБÆХ КОДТОЙ |
Автор: 00mN1ck / 13 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Ирон адæмы æхсæн фыццаг рæстæджыты дохтыртæ нæ уыдис. Адæймаг-иу куы фæрынчын, уæд-иу йæ бинонтæ хуыцаумæ куывтой, нæ рынчыны нын сдзæбæх кæн, зæгъгæ. Рынчын-иу хъуамæ садаид алы хæцгæ низтæй — тифтæ, хъуырнизтæ æмæ æндæр ахæмтæй, афтæмæй-иу райдыдтой фæрсынмæ цæуын къулбадæг устытæм, къамæйфæрсджытæм, дæснытæм. |
ИРОН ХЫЛЫ ТÆРХОН XVII-XIX СÆДÆАЗТЫ |
Автор: 00mN1ck / 12 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Фыццаг заманы адæм арæхдæр хыл кодтой, уый тыххæй æнæ ахуыргонддзинамæ дард лæууыдысты æмæ уыдысты æхсары къæдзыл хæст. Гыццыл ныхасы тыххæй æмæ гыццыл знаггады тыххæйгау хъæу æддæг-мидæг ауадысты. Хъуамæ-иу родтæ хуыммæ чысыл куы баирвæзтаиккой, уæд-иу кæй родтæ баирвæзтысты æмæ кæй хуыммæ баирвæзтысты, уыдон кæрæдзийы ныппырх кодтой. Иргъæвæг сæ тагъд нæ фæци, зæгъгæ, уæд — хъаматæй, кæнæ лæдзджытæй. |
ИРОН БАРÆГ КУЫД АРÆЗТ ВÆИЙЫ |
Автор: 00mN1ck / 11 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Ирон лæппу хорз саргъы бæхыл сæвæры хорз саргъ, дымитонг, мæргъгæ æмæ идон, æвзистæй арæзтæй. Лæппу йæхæдæг йæхи саразы афтæ: худ хорз уæлдзармæй, хъама æвзистæй, йе та сызгъæринæй, рон дæр афтæ; хорз цухъа æд æвзист бæрцытæ, хорз куырæт, сæрак зæнгæйттæ, сæрак дзабыртæ, уæлæдарæн нымæт, басылыхъ, дамбаца, топп хъатарайы дзаг гилдзытимæ, æхсаргард æвзистæй арæзт — гъеуый у гъæйтт-мардзæ ирон барæг, æппæтæй арæзт. Кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ арæзтæй цыдысты бонджынтæ, мæгуырæн уый йæ къухы не 'фтыд. |
ИРОН БАРДЖЫТÆ ФÆНДАГЫЛ |
Автор: 00mN1ck / 9 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
...Ирон барджытæ иукъордæй искуыдæм куы цæуой, уæд сæ кæстæр, цалынмæ сæ балц ахицæн уа, уалынмæ фæкæны кæстæриуæг. Зæгъæм, æртæ барæджы уæрæх фæндагыл куы цæуой, уæд хистæр цæудзæнис астæуæй, уый кæстæр — йæ галиу фарсырдыгæй, æппæты кæстæр та — хистæрæн йæ рахиз фарсырдыгæй. Кæд фæндаг фæнарæгдæр уа, уæд хъуамæ æппæты кæстæр цæуа разæй иунæгæй, иннæ дыууæ та, куыд цыдысты, афтæ фæрсæ-фæрстæм. Кæд бынтон нарæг фæндаг уа, иу бæхдзæуæн йеддæмæ дзы куынæ уа, уæд дыккаг кæстæр хъуамæ ныллæууа фæсте, хистæр астæуæй куыд цæуа, афтæ. |
УАЗÆДЖЫ ÆГЪДÆУТТÆ |
Автор: 00mN1ck / 9 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Ирон адæммæ уазæг фыццаг заманы тынг кадджын уыди. Фæлæ ирæттæ дард бæстæтæм æфтын куы байдыдтой, уæд федтой, лæвар кæй никуы ницы дæттынц, уый. Ахæмтæй фæстæмæ ирмæ чи æрбацыдис, уыдон уазæджы æгъдæуттыл къаддæр хæцын байдыдтой, уымæ гæсгæ ныр ирмæ уазæг афтæ буц нал у. Æцæг, хæхты цы ир цæрынц, уыдонмæ ма уæддæр кадджындæр у, иуæй-иу рæтты та ма, зæгъæн ис, тынг кадджын. |
ИРОН ХЪАЗТЫ ÆГЪДÆУТТÆ |
Автор: 00mN1ck / 7 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Ирон адæмы æхсæн искæуыл исты хъæлдзæгдзинад куы æрцæуы кæнæ хъæуæн исты æхсæны бæрæгбон куы вæййы, уæд саразынц хъазт. |
ÆРВДЗАВД |
Автор: 00mN1ck / 7 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Арв тынг куы фæнæры, уæд ирон адæмæй бирæтæ фæкувынц, цæмæй макæй ныццæва. Арв куы ныццæвы искæй æмæ дзы адæймаг куы фæмард вæййы, уæд ыл кæугæ нæ фæкæнынц, фæлæ йæ кæстæджытæ æмæ йæ хæлæрттæ æрвдзавды сисынц æмæ йæ цоппай фæкæнынд, алыхуызон зарджытæ кæнгæ. |
ХУС АЗЫ КУЫВД |
Автор: 00mN1ck / 6 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Хус аз куы фæхæссы, уæд ирон адæм æнхъæл ззеййынц, цавæрдæр дзуары аххос у, уый нæ уадзы уарыц, зæгъгæ. Адæм райдайынц лæгъстæ кæнын дæсныйæн, цæмæй сын' бацамона, кæцы дзуары аххосæй нæ уары æмæ йын куыд хъуамæ скæной куывд. Дæсны сын фæзæгъы бузныггадæй, æз, ома, бирæ фæлæгъстæ кодтон адæмы тыххæй, цæмæй сæ хуыцау ма фесафа, æмæ мын дзуæрттæ мæ лæгъстæйæн аргъ скодтой. |
НЫВОНД |
Автор: 00mN1ck / 4 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Ирон адæм нывæндтæ фæкæнынц, зæгъæм, исчи куы фæрынчын вæййы, уæд уый сдзæбæхы тыххæй, стæй къæвдахъуаг куы вæййынц æмæ æгæр къæвдатæ куы кæны, уæд дæр. Гал кæнæ уæныг равзарынц нывондæн. |
ХЪАЗУАТЫ МАРД |
Автор: 00mN1ck / 3 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ |
Хæххон адæм иннæ адæмтæй тыхстдæр æмæ мæгуырдæр цард кодтой, уымæн æмæ сын паддзахы хицауад се 'хсæнты дзæбæхдæр зæххытыл æрцæрын кодта хъазахъы, æмæ сæ уыдон фезмæлын ничердæм уагътой. Ноджы ма хæххон адæмты æхсæн давд æмæ тыхист дæр арæх уыдысты. Мæгуыр лæг та йæ мулк бахъахъæныныл æнувыддæр вæййы, уый тыххæй æмæ йæм цы чысыл мулк ис, уымæй куы бавдæлон уа, уæд бынтон сæфтмæ цæуы. |
|
|
Информация |
|
Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее... |
|
Опрос |
|
Готовится публикация большого количества текстов народного творчества на осетинском языке - какой вариант размещения, на Ваш взгляд, лучший? |
|
|